8 Адӕмӕй бирӕтӕ фӕндагыл байтыдтой сӕ дарӕстӕ, иннӕтӕ та бӕлӕсты къалиутӕ састой ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ калдтой.
Уыдон ын уайтагъд йӕ къӕхты бын къӕпхӕнтыл сӕ пӕлӕзтӕ ӕрытыдтой, сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Йегу сси паддзах!»
Фыццаг бон-иу райсут уӕ бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕй, стӕй пальмӕтӕ, сыфтӕрджын бӕлӕстӕ ӕмӕ донхӕристы къалиутӕ; авд боны дӕргъы цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.
ӕркодтой хӕрӕджы ӕмӕ йӕ къӕлӕуы, сӕвӕрдтой сыл сӕ дарӕстӕ, ӕмӕ Йесо сӕ уӕлӕ сбадти.
Адӕмӕй бирӕтӕ фӕндагыл айтыдтой сӕ дарӕс, иннӕтӕ та — быдыртӕй кӕй ӕрбахастой, уыцы къалиутӕ.
Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ын адӕм Йӕ развӕндагыл сӕ дарӕстӕ тауын райдыдтой.
Пальмӕйы къалиутимӕ рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг — Израилы Паддзах!»