5 «Зӕгъут Сионы чызгӕн: мӕнӕ дӕм дӕ сӕрныллӕг Паддзах фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ».
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Паддзах Цивайы фӕрсы: «Адон дӕ цӕмӕн хъӕуынц?» Цива дзуапп радта: «Хӕрджытӕ — цӕмӕй сыл паддзахы хӕдзаронтӕ цӕуой, дзул ӕмӕ дыргътӕ — дӕ дӕлдӕртӕн хойрагӕн, сӕн та — ӕдзӕрӕг быдыры чи бастайа, уыдонӕн нуазынӕн».
ӕмӕ сын уый бафӕдзӕхста: «Мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл абадын кӕнут ӕмӕ, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй йӕ Гихоны доны онг бахӕццӕ кӕнут.
Соломон ӕртымбыл кодта бирӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ. Тохуӕрдӕттӕ йӕм уыди мин цыппарсӕдӕ, хӕстон бӕхтӕ та — дыууадӕс мины. Дардта сӕ, тохуӕрдӕтты ӕфтауцуатӕн цы сахартӕ сарӕзта, уым, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы.
Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг, ӕркӕс, ме знӕгтӕ мӕ удхарӕй куыд марынц, уымӕ, мӕлӕты комӕй мӕ байс!
Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»
Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар, фарны уац хӕссӕг! Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн, фарны уац хӕссӕг Йерусалим! Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс! Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, зӕгъ Иудейы сахартӕн!
Дунедарӕг фехъусын кодта ӕгас дунейӕн: «Фехъусын кӕнут Сионы сахарӕн, дӕ ирвӕзыны сахат ӕрбаввахс ис, зӕгъгӕ! Дунедарӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ схорзӕхджын кӕндзӕн Йӕ адӕмы».
Ӕз, Дунедарӕг, уыдзынӕн сӕ Хуыцау, Мӕ цагъар Давид та уыдзӕни сӕ фӕтӕг. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.
Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.
Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».
Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.
Йаковы байзӕддаг хицау суыдзӕн, сахары ма чи баззади, уыдоны ныццӕгъддзӕн».
Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.
«Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах Ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».
„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, сӕ къаддӕр куы нӕ дӕ, мыййаг, Иудӕйы сӕйраг сахартӕн, — дӕуӕй рацӕудзӕн Фӕтӕг, Мӕ адӕмы, Израилы, Фыййау“».
Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ бакодтой, Йесо сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ:
Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.
Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!»
Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн.
Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“
Уыдис ын дыууиссӕдз фырты ӕмӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты фырты. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕйнӕ хӕрӕджы. Аст азы дӕргъы Авдон уыди Израилы фӕтӕг.
Зынаргъ гауызтыл урс хӕрджытыл бадджытӕ, бӕлццӕттӕ, уӕлахизы зарӕг ракӕнут!