4 Ацы хабар ӕрцыди уымӕн, цӕмӕй сӕххӕст уа пехуымпары ныхас:
Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхӕй цы фехъусын кодта, уый:
Исчи уӕм исты куы дзура, уӕд-иу дзуапп раттут, уыдон Бардарӕджы хъӕуынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ уын сӕ уайсахат ратдзысты».
Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.
Ӕркодтой къӕлӕуы Йесомӕ, сӕвӕрдтой йыл сӕ дарӕс, ӕмӕ йыл Йесо сбадти.
Ӕркодтой къӕлӕуы Йесомӕ, ӕрӕппӕрстой йыл сӕ дарӕстӕ ӕмӕ йыл Йесойы сбадын кодтой.
Дыккаг бон, бӕрӕгбонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдон фехъуыстой, Йесо Йерусалиммӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ.
«Ма тӕрс, Сионы чызг! Мӕнӕ дӕ Паддзах фӕцӕуы, къӕлӕуыл бадгӕйӕ».