Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 21:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Сӕнӕфсир тоныны афон куы ӕрхӕстӕг ис, уӕд йӕ цагъарты йӕ тыллӕг райсынмӕ ӕххуырст кусджытӕм арвыста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 21:34
20 Iomraidhean Croise  

Цы кӕнгӕ йын уыд, ӕмӕ йын Ӕз цы нӕ бакодтон? Ӕз хорз цупӕлттӕм ӕнхъӕлмӕ куы кастӕн, уӕд Мӕ сӕнӕфсирыл хъӕддаг гагатӕ цӕмӕн ӕрзад?


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


Уыдон ын йӕ цагъарты ӕрцахстой ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй амардтой.


Фӕлӕ йын ӕххуырст кусджытӕ йӕ фырты куы ауыдтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай йӕ бындар у. Амарӕм ӕй ӕмӕ йын йӕ бынтӕ нӕхи бакӕнӕм“.


Ныр сӕндоны хицау куы ’рцӕуа, уӕд цы бакӕндзӕни уыцы ӕххуырст кусджытӕн?»


Йесойӕн дзуапп радтой: «Уыцы фыдгӕнджыты амардзӕни фыдмардӕй, сӕндон та, афоныл ын йӕ сӕнӕфсир чи дӕтта, ахӕм кусджыты бар бакӕндзӕн».


Уый йӕ цагъарты хонӕг арвыста, фӕлӕ хуынд адӕмы чындзӕхсӕвмӕ ӕрбацӕуын нӕ бафӕндыд.


Йесо адӕмӕн райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Иу лӕг сӕндон скодта. Йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, сӕндуцӕн дзы скъахта, хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, стӕй кусджытӕ баххуырста ӕмӕ йӕ уыдоны бар бакодта, йӕхӕдӕг балцы ацыди.


Фӕлӕ ӕххуырст кусджытӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: „Уый йӕ бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ йӕ бынтӕ мах бауыдзысты“.


Уӕдӕ ныр сӕндоны хицау цы сараздзӕн? Ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыцы кусджыты амарын кӕндзӕн, сӕндон та ратдзӕнис ӕндӕртӕм.


Ӕмӕ адӕмӕн ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд: «Иу лӕг сӕндон скодта, йӕ ӕххуырст кусджыты бар ӕй бакодта ӕмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ балцы ацыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan