30 Фыд йӕ иннӕ фыртмӕ дӕр ахӕм курдиатимӕ бацыд. Уый йын загъта: „Фӕцӕуын, ме ’лдар“, фӕлӕ нӕ ацыди.
Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.
Уый йын дзуапп радта: „Нӕ мӕ фӕнды“. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрхудти йӕхиуыл ӕмӕ ацыди.
Уыцы дыууӕйӕ йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Ӕмӕ сын Йесо афтӕ: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъалонисджытӕ ӕмӕ хъахбай сылгоймӕгтӕ сымахӕй раздӕр бацӕудзысты Хуыцауы Паддзахадмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ, цы уын дзурынц, уый кӕнут, фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ уыдон, цы фӕзӕгъынц, уый сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц.
Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.