Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 21:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Йесо сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн, ӕмӕ Мын кӕд дзуапп раттат, уӕд уын зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 21:24
6 Iomraidhean Croise  

Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»


Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый йын кӕмӕй лӕвӕрд уыд: уӕларвӕй ӕви адӕмӕй?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «„Уӕларвӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд нӕ Уый бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ Иоанныл цӕуылнӕ баууӕндыдыстут?“


Уӕд сын Йесо загъта: «Ӕз уӕ фӕрсын, сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?»


Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan