Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 21:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Фӕндаггӕрон федта иу легъуи бӕлас ӕмӕ йӕм бацыд. Сыфтӕртӕ йеддӕмӕ йыл куы ницы ссардта, уӕд ын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дыл дыргъ мауал ӕрзайӕд». Ӕмӕ легъуи бӕлас уайтагъд бахус ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 21:19
17 Iomraidhean Croise  

йӕ мӕрмӕ йын базылд, дзӕбӕх ӕй схӕмпус кодта, йӕ дуртӕ йын ӕруыгъта, ӕвзаргӕ сӕнӕфсиры талатӕ дзы ныссагъта. Хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, сӕндуцӕн дӕр скъахта. Хӕрзад гагатӕм ӕнхъӕлмӕ касти, фӕлӕ йӕ сӕнӕфсир хъӕддаг разынди.


Ӕз сын сӕ тыллӕг бабын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕнӕфсиры талайыл иунӕг цупал дӕр нал баззайдзӕн, легъуи бӕласыл дыргъ нӕ фӕзындзӕн, бахус уыдзӕн йӕ сыфтӕр. Цыдӕриддӕр сын радтон, уыдон сӕ фӕстӕмӕ байстӕуыдзӕн».


Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст ӕмӕ дзырдтой: «Легъуи бӕлас уайтагъд куыд бахус ис?»


Уӕд ын Йесо загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын дӕ дыргъӕй мыггагмӕ дӕр мачиуал бахӕрӕд». Ӕмӕ уый фехъуыстой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ.


Дыккаг бон та райсомӕй легъуи бӕласы цурты фӕцӕйцыдысты ӕмӕ федтой, бӕлас суанг йӕ уидӕгтӕм кӕй бахус ис, уый.


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц».


Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.


Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.


Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.


Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.


Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ.


Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр ӕвзӕр митӕ кӕнӕд. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи; рӕстгӕнӕг дарддӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд; сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan