Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 21:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыди. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо фӕдзырдта дыууӕ ахуыргӕнинагмӕ

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 21:1
13 Iomraidhean Croise  

Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.


Йесо куырмытӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта. Уыдон уайтагъд ракастысты сӕ цӕстӕй ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр Йӕ фӕдыл ацыдысты.


ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, нӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Уым уайтагъд ссардзыстут баст хӕрӕджы йӕ къӕлӕуимӕ. Суадзут сӕ ӕмӕ сӕ ардӕм ӕрбакӕнут.


Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?»


Стӕй азарыдысты арфӕйы зарджытӕ ӕмӕ ацыдысты Елеоны хохмӕ.


Йесо Елеоны хохыл Кувӕндоны бакомкоммӕ куы бадти, уӕд Ӕй Петр, Йаков, Иоанн ӕмӕ Андрей хибарӕй бафарстой:


Уый фӕстӕ азарыдысты арфӕйы зарӕг ӕмӕ Елеоны хохмӕ ацыдысты.


Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе ’хсӕв арвыста, Елеон цы хох хуынди, ууыл.


Йесо рацыд ӕмӕ та иннӕ хӕттытау ныр дӕр араст ис Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл.


Йесо та Елеоны хохмӕ ссыди.


Уыйадыл апостолтӕ уырдыгӕй, Елеоны хохӕй, фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхтысты; уыцы хох Йерусалиммӕ хӕстӕг у — сабаты бонцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan