Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 20:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Куы баизӕр ис, уӕд сӕндоны хицау загъта йӕ фӕткдарӕн: „Кусджытӕм фӕдзур ӕмӕ сын сӕ мызд ратт; фӕстӕдӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн раздӕр бафид, раздӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн та — фӕстӕдӕр“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 20:8
22 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»


Къӕсӕры раз Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ бахатыдысты:


Макӕй ӕфхӕр ӕмӕ макӕй стигъ. Де ’ххуырстӕн йӕ мызд райсоммӕ дӕхимӕ ма уром.


Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Уый сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ [ӕмӕ уын цы ӕмбӕлы, уый райсдзыстут]“.


Иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс чи ӕрбацыд, уыдон райстой фӕйнӕ динары.


Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ ӕрыздӕхти уыцы цагъарты хицау ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдта.


«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.


Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.


Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?


Хузайы ус Иоаннӕ — Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; уыдонимӕ ма — Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Се ’ппӕт дӕр сӕхи хардзӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.


Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.


Мӕгуырӕн-иу хурныгуылды размӕ йӕ мызд ратт, уымӕн ӕмӕ уымӕ у йе скаст, цӕмӕй йе ’рдиаг Дунедарӕгмӕ ма фехъуыса, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд дӕ фӕдыл ӕфтыд ма фӕуа.


Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф.


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Сымахӕй алкӕмӕн дӕр рардӕуыд йӕхи курдиат, ӕмӕ уӕ алчидӕр Хуыцауы лӕвӕрд уыцы алыхуызон хорзӕхтӕй раст пайда кӕнӕд кӕрӕдзийӕн лӕггады охыл.


Уый йын загъта: «Моаваг у, Наомиимӕ ӕрбацыди Моавы быдырӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan