Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 20:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Уый сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ [ӕмӕ уын цы ӕмбӕлы, уый райсдзыстут]“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 20:7
16 Iomraidhean Croise  

Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕндонмӕ зилынӕн кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыди, уыцы хицауимӕ.


Ӕппынфӕстаг рацыд иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс, ноджыдӕр та дзы кӕйдӕрты баййӕфта ӕмӕ сӕ бафарста: „Ам ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цы лӕуут?“


Куы баизӕр ис, уӕд сӕндоны хицау загъта йӕ фӕткдарӕн: „Кусджытӕм фӕдзур ӕмӕ сын сӕ мызд ратт; фӕстӕдӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн раздӕр бафид, раздӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн та — фӕстӕдӕр“.


Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.


«Цы бакӕнӕм ацы адӕмӕн? Ӕцӕг диссаг кӕй равдыстой, уый Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр зонынц, ӕмӕ йыл махӕн дӕр ӕнӕ басӕтгӕ нӕй.


Уӕ зӕрдыл дарут: алчидӕр, цагъар уа ӕви сӕрибар, Бардарӕгӕй райсдзӕни хорзӕх йӕ алы хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕр.


Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan