Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 20:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕппынфӕстаг рацыд иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс, ноджыдӕр та дзы кӕйдӕрты баййӕфта ӕмӕ сӕ бафарста: „Ам ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цы лӕуут?“

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 20:6
10 Iomraidhean Croise  

Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны, зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Мӕнӕ дӕ хо Содом ӕмӕ йӕ чызджыты азым: хъал, фырӕфсӕст ӕмӕ ӕвдӕлон. Дӕ хо никуы баххуыс кодта мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккӕн.


Уый фӕстӕ рацыд ӕмбисбонмӕ ӕввахс, стӕй — фараст сахатыл ӕмӕ та баххуырста ӕндӕрты.


Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Уый сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ [ӕмӕ уын цы ӕмбӕлы, уый райсдзыстут]“.


Иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс чи ӕрбацыд, уыдон райстой фӕйнӕ динары.


Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.


Афинӕгтӕ ӕмӕ уым цӕрӕг фӕсарӕйнӕгтӕ сӕ рӕстӕг хуыздӕрӕн ӕрвыстой исты ног хабӕрттӕ дзургӕйӕ кӕнӕ сӕм хъусгӕйӕ.


Зивӕг уыл ма фӕтых уӕд, фӕлӕ фӕзмут, уырнындзинад ӕмӕ бирӕбыхсты руаджы, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый исбонӕн чи райсы, уыдоны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan