5 Уый фӕстӕ рацыд ӕмбисбонмӕ ӕввахс, стӕй — фараст сахатыл ӕмӕ та баххуырста ӕндӕрты.
Ӕмӕ уыдонӕн дӕр загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ, ӕмӕ уын, цы ӕмбӕлы, уый бафиддзынӕн“. Уыдон ацыдысты.
Ӕппынфӕстаг рацыд иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс, ноджыдӕр та дзы кӕйдӕрты баййӕфта ӕмӕ сӕ бафарста: „Ам ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цы лӕуут?“
Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг.
Уый сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ йӕ фендзыстут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ федтой, Йесо кӕм цӕры, уый. Ӕмӕ уыцы бон уым Йемӕ баззадысты. Уыди дӕс сахатмӕ ӕввахс.
Йесо сын дзуапп радта: «Боны дыууадӕс сахаты нӕй? Боныгон чи цӕуы, уый нӕ кӕлы, уымӕн ӕмӕ уыны ацы дунейы рухс.
Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.
Иу хатт, фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг, Корнелимӕ Хуыцауы зӕд раргом ис. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнелий!»
Дыккаг бон, уыдон ма фӕндагыл куы уыдысты ӕмӕ сӕ сахармӕ бирӕ куынӕуал хъуыд, уӕд Петр ӕмбисбонмӕ хӕстӕг бакувынмӕ схызти хӕдзары сӕрмӕ.
Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ.