4 Ӕмӕ уыдонӕн дӕр загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ, ӕмӕ уын, цы ӕмбӕлы, уый бафиддзынӕн“. Уыдон ацыдысты.
Ӕртӕ сахатмӕ ӕввахс та сахары фӕзмӕ рацыд ӕмӕ дзы кӕйдӕрты ӕгуыстӕй лӕугӕ федта.
Уый фӕстӕ рацыд ӕмбисбонмӕ ӕввахс, стӕй — фараст сахатыл ӕмӕ та баххуырста ӕндӕрты.
Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.
Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.
Хицӕуттӕ, уӕ цагъартимӕ ут рӕстзӕрдӕ, кӕсут сӕм хорз цӕстӕй. Сымахӕн дӕр уӕларвы Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.
Ацы ныхас ӕцӕг у. Мӕн уый фӕнды, ӕмӕ адӕмы ӕнувыдӕй ахуыр кӕнай ӕппӕт уыдӕттыл, цӕмӕй, Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдон сӕхи зӕрдиагӕй хъарой хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл. Уый хорз у, ӕмӕ адӕмӕн уыдзӕни пайда.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.