34 Йесо куырмытӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта. Уыдон уайтагъд ракастысты сӕ цӕстӕй ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр Йӕ фӕдыл ацыдысты.
Дунедарӕг куырмытӕн ратты цӕстырухс, Дунедарӕг ӕфхӕрд адӕмы слӕууын кӕны сӕ къӕхтыл, Дунедарӕг уарзы рӕстудты.
Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.
Йесо фӕсидти Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны Мемӕ сты ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды — фӕндагыл бастайдзысты».
Уыдон Ын загътой: «Хицау, мах фӕнды цӕстӕй ракӕсын».
Йерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыди. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо фӕдзырдта дыууӕ ахуыргӕнинагмӕ
Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауди; сыстад ӕмӕ Йын лӕггад кӕнын райдыдта.
Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд».
Бирӕ адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.
Йесо йӕ иуварс акодта адӕмӕй, Йе ’нгуылдзтӕ къуырмайы хъусты бавӕрдта, ӕрту кодта ӕмӕ йын бавнӕлдта йе ’взагмӕ.
Уыцы сахат куырм лӕг цӕстӕй суыдта ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, Йесойы фӕдыл ацыди. Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр кад кодтой Хуыцауӕн.
Уӕд Йесо загъта: «Ӕгъгъӕд у, ӕрсабыр ут!» Бавнӕлдта цагъары хъусмӕ ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта.
Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.
Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.
Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.