32 Йесо ӕрлӕууыди, фӕдзырдта сӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы уӕ фӕнды? Цы уын саразон?»
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ахӕм хорзы дӕр ма бацӕудзынӕн Израилы адӕмӕн, ӕмӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн фосы дзугау.
Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Уый Йын дзуапп радта: «Бар ратт, цӕмӕй Дӕ Паддзахады мӕ ацы дыууӕ лӕппуйӕ иу сбада Дӕ рахизфарс, иннӕ та — Дӕ галиуфарс».
Адӕм сӕ басабыр кӕнын фӕлвӕрдтой, фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»
Уыдон Ын загътой: «Хицау, мах фӕнды цӕстӕй ракӕсын».
Ӕмӕ мӕм куы фӕдзырдтат, уӕд ӕз ӕрбацыдтӕн ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй. Ныр уӕ фӕрсын: цы хъуыддаджы фӕдыл мӕм арвыстат?»
Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,