Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 20:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 уе ’хсӕн фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд цагъар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 20:27
12 Iomraidhean Croise  

Йӕхи чи ӕрныллӕг кӕна ӕмӕ ацы сабийау чи суа, уый уӕлдӕр уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады.


Сымах ӕхсӕн та афтӕ ма уӕд: уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг;


Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».


Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ, уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, барджындӕр чи у, уый та — лӕггадгӕнӕгау.


Ӕз хӕсджын дӕн бердзенӕгтӕй дӕр ӕмӕ гуымиры адӕмтӕй дӕр, ахуыргонд адӕмтӕй дӕр ӕмӕ ницыфенджытӕй дӕр.


Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз уыцы «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.


Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ суанг мӕхи дӕр цингӕнгӕ ратдзынӕн уӕ удты сӕраппонд. Ӕз уӕ бирӕ куы уарзын, уӕд мӕ сымах къаддӕр цӕмӕн уарзут?


Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ, Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan