Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 20:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Йесо се ’ппӕтмӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ адӕмтыл хицауиуӕг кӕй кӕнынц, ӕмӕ хицӕуттӕ адӕмтыл барджын кӕй сты, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 20:25
14 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Хуыцауы фӕрцы ахӕм хъомысджын сси, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ фыр тӕссӕй йӕ разы рызтызты. Марын ӕй кӕй фӕндыд, уый-иу амарын кодта, кӕй йӕ фӕндыд, уый та-иу удӕгасӕй ныууагъта. Кӕй-иу уӕлӕрвтӕм систа, кӕй та-иу ӕгады бынаты сӕвӕрдта.


Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.


Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ.


Йесо фӕдзырдта се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ кӕй хонынц, уыдон адӕмтыл хицауиуӕг кӕй кӕнынц ӕмӕ хицӕуттӕн адӕмтыл сӕ бар кӕй цӕуы, уый.


Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan