Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 20:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 20:24
13 Iomraidhean Croise  

Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.


Уый сын загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзыстут [ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй]. Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи сбаддзӕни, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ уыцы бынӕтты, Мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон сбаддзысты».


Йесо се ’ппӕтмӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ адӕмтыл хицауиуӕг кӕй кӕнынц, ӕмӕ хицӕуттӕ адӕмтыл барджын кӕй сты, уый.


Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ис ӕмӕ сын загъта: «Уадз ӕмӕ Мӕм сабитӕ цӕуой, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, Хуыцауы Паддзахад уыдоны у.


Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд Йаков ӕмӕ Иоаннмӕ смӕсты сты.


Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты ис, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Кусынӕн ис ӕхсӕз боны, гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та — нӕ».


Уарзт у бирӕбыхсаг, зӕрдӕхӕлар, хӕлӕг нӕ кӕны, нӕу хиппӕлой ӕмӕ схъӕл,


Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.


Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.


Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan