Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 20:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уый сын загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзыстут [ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй]. Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи сбаддзӕни, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ уыцы бынӕтты, Мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон сбаддзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 20:23
12 Iomraidhean Croise  

Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.


Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ.


Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.


Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи ӕрбаддзӕн, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу — уыцы бынӕттӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон дзы сбаддзысты».


Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Йаковы.


Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.


Фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».


Нӕ зӕрдӕ уыл фидарӕй дарӕм. Уымӕн ӕмӕ зонӕм: кӕд хайджын стут нӕ хъизӕмӕрттӕй, уӕд хайджын стут, мах ныфс цӕмӕй ис, уымӕй дӕр.


Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары мидӕг ӕз архайын, Чырыстийы сӕрвӕлтау мӕ цы хъизӕмӕртты кӕхц бануазын хъӕуы, уый баххӕст кӕныныл — Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд.


Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.


Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос кӕй хонынц, уыцы сакъадахмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan