14 Цы дын ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу. Дӕуӕн цас радтон, фӕстӕдӕр ӕрбацӕуӕгӕн дӕр мӕ уый бӕрц раттын фӕнды.
Загъта йын: «Цом мемӕ ӕмӕ, Дунедарӕгыл куыд ӕнувыд дӕн, уый дӕр фен!» Ӕмӕ Йонадав араст ис йемӕ.
Уӕд дзы уый иуӕн загъта: „Ӕз, мӕ лымӕн, дӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн. Иу динарыл нӕ баныхас кодтай мемӕ?
Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“
Ком даргӕйӕ-иу дыдзӕсгӕмттау уӕхи ма хъуынтъыз кӕнут — уыдон ныттар кӕнынц сӕ цӕсгӕмттӕ, цӕмӕй адӕм уыной, ком кӕй дарынц, уый. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.
Мӕгуырӕн ӕххуыс кӕныс, уӕд ӕй дӕрдтыл ма ныхъхъӕр кӕн. Афтӕ синагогӕтӕ ӕмӕ уынгты фӕкӕнынц дыдзӕсгӕмттӕ — искӕй цӕстмӕ, кады охыл. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.
Ды та, куы фӕкувыс, уӕд бацу дӕ уатмӕ, сӕхгӕн дӕ дуар ӕмӕ скув, цӕстӕй Кӕй нӕ уыныс, дӕ уыцы Фыдмӕ. Ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.
Фыд ын загъта: „Лӕппу, ды кӕддӕриддӕр мемӕ дӕ, ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕу у.
Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.
Уымӕн ӕмӕ Йын Ды алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, цӕмӕй дзы алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард ратта.
Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.
Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕм иууылдӕр мӕнгард куы уой, уӕддӕр. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕ рӕстад бӕрӕг уыдзӕни Дӕ ныхӕстӕй, ӕмӕ Дӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уыдзынӕ».