12 „Фӕстӕдӕр кӕй баххуырстай, уыдон иунӕг сахат бакуыстой, фидгӕ та сын немӕ ӕмхуызон бакодтай, афтӕмӕй мах ӕнӕхъӕн бон ӕнтӕфы фӕфыдӕбон кодтам“.
Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».
Уӕхимӕ гӕсгӕ тынг бафыдӕбон кӕнут, Мӕ размӕ Мын сахъат, къуылых кӕнӕ рынчын фосы нывондӕн куы ’рбахӕссут, уӕд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ахӕм нывонд Ӕз уӕ къухтӕй куыд хъуамӕ айсон? — зӕгъы Дунедарӕг. —
Сымах зӕгъут: «Дзӕгъӕлы лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн. Цы пайда нын ис, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын кӕй ӕххӕст кодтам ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы раз хъыггӕнгӕйӕ кӕй цардыстӕм, уымӕй?
ӕмӕ, сӕ мызд куы райстой, уӕд сӕндоны хицауыл райдыдтой бустӕ кӕнын:
Хуссарӕй дымгӕ куы радымы, уӕд фӕзӕгъут, ӕнтӕф рӕстӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ вӕййы.
Уӕдӕ цӕмӕй раппӕлӕм нӕхицӕй? Ницӕмӕй. Кӕцы Ӕгъдау нын дӕтты ӕппӕлыны бар? Хъуыддӕгтӕ домӕг Ӕгъдау? Нӕ, уырнындзинад домӕг Ӕгъдау.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, ӕмӕ растыл банымайдзӕн ӕппӕт уырнджыты — сунӕтгӕндты дӕр, стӕй, сунӕтгонд чи нӕу, уыцы уырнджыты дӕр.
Абоны онг дӕр ма стонг ӕмӕ дойны ӕвзарӕм, бызгъуырты цӕуӕм ӕмӕ над ӕййафӕм, хӕдзар нын нӕй,
Сусӕгдзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы бынтӕ муртаттӕгты дӕр сты. Уыдон дӕр — иумӕйаг буары хӕйттӕ, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр хауы, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау Фарны Уацы зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.
Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.