Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 20:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕндонмӕ зилынӕн кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыди, уыцы хицауимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 20:1
22 Iomraidhean Croise  

Йесо ма сын ракодта ӕндӕр ӕмбисонд дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адӕймаджы хуызӕн.


Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, адӕймаг йӕ хуымы кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау.


Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».


Уӕларвон Паддзахад ма у, денджызы кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ чи ӕрцахста, ахӕм хызы ӕнгӕс дӕр.


Уый кусджытимӕ бафидыдта бон фӕйнӕ динарыл, ӕмӕ сӕ арвыста йӕ сӕндонмӕ.


Мӕнӕ ацы хабар та уӕм куыд кӕсы? Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Лӕг бацыди сӕ иумӕ ӕмӕ йын загъта: „Лӕппу, ацу ӕмӕ абон сӕндоны бакус“.


«Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, Йӕ фыртӕн чындзӕхсӕв чи скодта, уыцы паддзахимӕ.


Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕни, сиахсаджы размӕ цырӕгътимӕ чи рацыди, уыцы дӕс чызджы хуызӕн.


Уӕд уыдзӕнис уыцы ӕмбисондау: иу адӕймаг балцы ацӕуыны размӕ йӕ цагъартӕм фӕсидти ӕмӕ сын йӕ исбон бафӕдзӕхста.


«Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».


Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа.


Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Тала, Мӕ Фыд та — сӕнӕфсирмӕ Зилӕг.


Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.


сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы, фӕндон Ын цы у, уый сараза нӕ мидӕг. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan