Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 2:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыдон, паддзах сын цы зӕгъинаг уыд, уымӕ байхъуыстой ӕмӕ араст сты сӕ фӕндагыл. Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый цыди сӕ разӕй, цалынмӕ, Сывӕллон кӕм уыди, уыцы бынаты сӕрмӕ не ’рлӕууыди, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 2:9
7 Iomraidhean Croise  

Раст фӕндагыл слӕууыдысты мӕ къӕхтӕ, ӕмбырдты Дунедарӕджы стаудзынӕн!


Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.


Стъалы ӕрлӕугӕ куы бафиппайдтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди.


«Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах Ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».


Ӕмӕ сӕ Вифлееммӕ куы ӕрвыста, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ Сывӕллоны тыххӕй бӕлвырд базонут. Куы Йӕ ссарат, уӕд мӕм фӕхабар кӕнут, цӕмӕй ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ Йӕм бакувон».


Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ, цалынмӕ бон фӕцъӕх уа ӕмӕ сӕууон стъалы уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе ’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan