Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 2:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕмӕ сӕ Вифлееммӕ куы ӕрвыста, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ Сывӕллоны тыххӕй бӕлвырд базонут. Куы Йӕ ссарат, уӕд мӕм фӕхабар кӕнут, цӕмӕй ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ Йӕм бакувон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 2:8
20 Iomraidhean Croise  

Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.


Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


Уӕд Ирод сусӕгӕй стъалыдӕснытӕм фӕсидти, цӕмӕй стъалыйӕн йӕ фӕзынды афон сбӕлвырд кӕна.


Уыдон, паддзах сын цы зӕгъинаг уыд, уымӕ байхъуыстой ӕмӕ араст сты сӕ фӕндагыл. Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый цыди сӕ разӕй, цалынмӕ, Сывӕллон кӕм уыди, уыцы бынаты сӕрмӕ не ’рлӕууыди, уӕдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan