Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 2:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымӕн ӕмӕ пехуымпармӕ афтӕ фыст ис:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 2:5
11 Iomraidhean Croise  

Афтӕ амарди Рахел, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефрафӕмӕ (ома Вифлееммӕ) фӕндагыл.


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


Уӕд иудейаг алчертӕ ӕмӕ динамонджыты иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ фарста: «Чырысти кӕм хъуамӕ райгуыра?»


Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕй, Чырысти Давиды байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм царди, уыцы хъӕуӕй, Вифлеемӕй, ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ?»


Зевулоны зӕххытӕм хаудтой Каттат, Нахалал, Шимрон, Идала ӕмӕ Вифлеем. Ӕдӕппӕт дыууадӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу, левит, уыцы заман царди иудейаг Вифлеемы ӕмӕ уырдыгӕй ног цӕрӕнбынат агурӕг ацыди. Ӕрбахӕццӕ ис Ефремы хохмӕ, Михайы хӕдзармӕ.


Фӕтӕгты заман иуахӕмы Израилы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг. Ӕмӕ иудейаг Вифлеемӕй иу лӕг йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ ацӕрынмӕ ацыди Моавы быдырмӕ.


Ӕмӕ иумӕ суанг Вифлееммӕ фӕцыдысты. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сахар ӕнӕхъӕнӕй дӕр сызмӕлыд, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дзырдтой: «Уый Наоми уа?»


Уӕдмӕ Боаз ӕрбацыди Вифлеемӕй ӕмӕ хуымгӕрдджытӕн салам радта: «Дунедарӕджы хорзӕх уӕ уӕд!» Уыдон ын дзуапп радтой: «Дунедарӕг дын раарфӕ кӕнӕд!»


Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan