20 ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ — Сывӕллоны марынвӕнд чи кодта, уыдон удӕгас нал сты».
Хадад Мысыры фехъуыста, зӕгъгӕ, Давид йӕ фыдӕлты размӕ бацыд, йе ’фсады хицау Йоав дӕр амард, ӕмӕ фараонмӕ бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ мӕ фыдызӕхмӕ ацӕуон».
Соломон бахъавыд Йоровамы амарынмӕ, фӕлӕ уый ӕвӕстиатӕй алыгъди Мысырмӕ, Мысыры паддзах Шишакмӕ, ӕмӕ Соломоны амӕлӕты бонмӕ царди уым.
Моисей ма Мидианы уыд, афтӕмӕй йын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх Мысырмӕ. Марынмӕ дӕ чи хъавыд, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал у».
Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».
Ироды амӕлӕты фӕстӕ Йосифмӕ Мысыры Хуыцауы зӕд раргом ис фыны
Йосиф сыстади, ракодта Сывӕллоны Йӕ мадимӕ ӕмӕ ӕрцыд Израилы зӕхмӕ.