2 «Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах Ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».
«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».
Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут: Ӕз дӕн Хуыцау, скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, ӕгас зӕххы цъарыл.
Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты дӕ рухсмӕ, сӕ паддзӕхты ӕрфӕнддзӕн дӕ тӕмӕнкалгӕ рухс фенын.
Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.
фӕлӕ Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, стӕй сӕ паддзах Давидӕн, сӕ сӕргъы сын кӕй сӕвӕрдзынӕн, уымӕн.
Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.
Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.
Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд, ӕмӕ йемӕ — ӕгас Йерусалим дӕр.
«Зӕгъут Сионы чызгӕн: мӕнӕ дӕм дӕ сӕрныллӕг Паддзах фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ».
Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстыхицауы раз, ӕмӕ Йӕ уый бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
«Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг Паддзах! Фарн — уӕлӕрвты ӕмӕ кад — бӕрзӕндты!»
абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти.
Уӕд Ӕй Пилат бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
Йӕ сӕрмӕ [бердзенаг, ромаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгтыл] уыди фыст: «Ацы адӕймаг у иудейаг Паддзах».
Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!»
Пальмӕйы къалиутимӕ рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг — Израилы Паддзах!»
Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уый тыххӕй райгуырдтӕн ӕмӕ дунемӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы».
Пилат дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыйын кодта ахӕм фыстимӕ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах».
Ӕмӕ уӕд Фома ныхъхъӕр кодта: «Мӕ Бардарӕг ӕмӕ Мӕ Хуыцау!»
цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.
Уӕд уый загъта: «Ӕууӕндын, Хицау!» — ӕмӕ Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауди.
Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Бакувӕнт Ын Хуыцауы зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр».
«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».