Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 2:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 2:16
21 Iomraidhean Croise  

уӕд сылгоймаг хӕдзаронтӕм фӕфӕдис кодта: «Кӕсут-ма, мӕ мой нӕм ацы дзуттаджы махӕй фӕхъазынмӕ ӕрбакодта. Йӕ зӕрды мын тыхми бакӕнын уыди!


стӕй уыцы ныхӕстӕ рафӕзмыдта йӕ мойӕн дӕр: «Цы дзуттаг цагъары ӕрбакодтай нӕ хӕдзармӕ, уый мыл тыхӕй ӕрхӕцынмӕ хъавыди,


Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ уыраугӕ маст, ӕлгъыст фӕуӕд сӕ хъӕхъхъаг уаг! Ӕз сӕ Йаковы фыртты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕз сӕ Израилы фыртты ’хсӕн байтаудзынӕн!


ӕмӕ йӕ Хазаел афарста: «Дӕ зӕрдӕ цӕмӕй суынгӕг ис, ме ’лдар?» Уый йын дзуапп радта: «Израилы адӕмӕн фыдбылыз кӕй скӕндзынӕ, уымӕй. Сӕ фидӕрттӕ сын басудздзынӕ, сӕ лӕппуты сын карды амӕттаг бакӕндзынӕ, сӕ дзидзидайты сын ныммардзынӕ, се ’нхъӕлцау сылгоймӕгты сын афаддзынӕ».


Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!


Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс — ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны ’нгӕс у.


Тугныккалды аххосджын чи у, уый йӕ мӕлӕты бонмӕ рахау-бахау фӕкӕндзӕн. Чи йӕ суазӕг кӕна, ахӕм адӕймаджы макуы ссарӕд!


Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.


Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.


Навуходоносор уый куы фехъуыста, уӕд смӕсты ис ӕмӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы йӕ размӕ ӕрбакӕнын кодта. Йӕ размӕ куы ӕрлӕууыдысты,


Уымӕ гӕсгӕ уӕ адӕм сызмӕнтдзысты, уӕ фидӕрттӕ иууылдӕр ныппырх уыдзысты, Шалман Бет-Арвел куы ныддӕрӕн кодта ӕмӕ мадӕлты сӕ цотимӕ куы мардтой, уӕд куыд уыдис, афтӕ.


Ӕмӕ загъта Балаам хӕрӕгӕн: «Уымӕн ӕмӕ ды мӕнӕй фӕхъазыдтӕ. Мӕ къухы кард куы фӕуыдаид, уӕд дӕ ӕрбамардтаин».


Рафыхти Балакӕн йӕ маст Балааммӕ, йӕ къухтӕ йыл сцагъта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм ме знӕгты ралгъитынмӕ фӕдзырдтон, ды та сын ныр ӕртыккаг хатт арфӕ кӕныс!


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


Уӕд сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиа цы загъта, уый:


Уӕд Ирод сусӕгӕй стъалыдӕснытӕм фӕсидти, цӕмӕй стъалыйӕн йӕ фӕзынды афон сбӕлвырд кӕна.


Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залым лӕууыди арӕг сылгоймаджы уӕлхъус, цӕмӕй йын йӕ сывӕллоны, куыддӕр ӕй ныййара, афтӕ аныхъуыра.


Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.


Уӕд ын Далилӕ загъта: «Асайдтай мӕ! Зӕгъ-ма мын, цӕй, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan