Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 2:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 2:11
33 Iomraidhean Croise  

Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.


Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты, тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ балӕвар кодта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта.


Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ йын Йерусалиммӕ теуатыл ӕрбаласта бирӕ хъӕздыг лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, тынг бирӕ сыгъзӕрин ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд ын, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ фӕдзырдта.


Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг немӕ ис, Йаковы Хуыцау — нӕ сӕрылхӕцӕг.


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


Фӕлӕ ӕз афтӕ куы загътаин, уӕд Дӕ хъӕбултыл гадзрахатӕй рацыдаин.


Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.


«Райс ӕппӕты хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕй: тӕдзгӕ миррӕ — фондзсӕдӕ шекелы, хӕрздӕфгӕнӕг корицӕ — дыууӕ хатты къаддӕр, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы, хӕрздӕфгӕнӕг хъӕз дӕр — дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы,


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хелбена, стӕй се ’ппӕты бӕрц сыгъдӕг буд.


— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?


Теуаты чырӕты бын фӕуыдзынӕ. Ӕрбатӕрдзысты дын сӕ Мидиан ӕмӕ Ефӕйы бӕстӕтӕй. Савайы бӕстӕй дын ӕрбаласдзысты сыгъзӕрин ӕмӕ буд ӕмӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн.


Сауджын-иу хойраджы хуыны сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй йӕ армыдзаг сисӕд, стӕй, йӕ сӕрыл цы буд ӕвӕрд ис, уый иууылдӕр, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн.


Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг;


Хӕрздӕфгӕнӕнтӕй семыдзаг дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы уӕз (алы куыси дӕр — кувӕндоны дӕс шекелы уӕзӕн) иумӕ уыди сӕдӕ дыууын сыгъзӕрин шекелы;


Йесо Чырыстийы райгуырд уыдис афтӕ. Йӕ мад Мариа ма куырдуаты бадти, Йосифимӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг ис, Мариа Сыгъдӕг Уды хъомысӕй ӕнхъӕлцау кӕй у, уый.


Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.


Бӕлӕгъы чи уыди, уыдон ӕрзоныг кодтой Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ».


Стъалы ӕрлӕугӕ куы бафиппайдтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди.


«Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах Ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».


Атындзыдтой ӕмӕ дзы Мариа ӕмӕ Йосифы баййӕфтой. Сывӕллон хуыссыди кӕвдӕсы.


Уый дӕр сӕм уыцы рӕстӕг бацыди, кадджын кодта Хуыцауы, Йерусалимы фервӕзтмӕ ӕнхъӕлмӕ чи касти, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.


Ӕрцыди Никодим дӕр — кӕддӕр ӕхсӕвыгон Йесомӕ чи ӕрбацыди, уый — ӕмӕ ӕрхаста фондзыссӕдз джиранкайы бӕрц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — смирнӕ ӕмӕ алой иумӕ хӕццӕйӕ.


Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


Фӕлӕ ахӕм цъаммар адӕймӕгтӕ дӕр уыд, афтӕ чи дзырдта: «Ай у махӕн нӕ ирвӕзынгӕнӕг?» Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ дӕр нӕ ракодтой. Фӕлӕ Саул, цыма ницы бафиппайдта, афтӕ йӕхи дардта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan