10 Стъалы ӕрлӕугӕ куы бафиппайдтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди.
Тӕхудиаг у, Хуыцауы амындтытӕ сӕйраг кӕмӕн сты ӕмӕ ӕдзух рӕстӕй чи цӕры, уый!
Рӕстгӕнджытӕ та цин кӕнӕнт, райӕнт Хуыцауы раз.
Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.
Уыдон, паддзах сын цы зӕгъинаг уыд, уымӕ байхъуыстой ӕмӕ араст сты сӕ фӕндагыл. Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый цыди сӕ разӕй, цалынмӕ, Сывӕллон кӕм уыди, уыцы бынаты сӕрмӕ не ’рлӕууыди, уӕдмӕ.
Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ:
Фыййӕуттӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, цы фехъуыстой ӕмӕ цы федтой, уыдӕтты тыххӕй кадджын кодтой Хуыцауы. Алцы дӕр рауад, зӕд сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
Систа сӕ Уый зӕххы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ сӕ быдыры тыллӕгӕй хаста, айнӕгӕй сын мыд лӕмӕрста, къӕдзӕхӕй — оливӕйы сой,