Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 2:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 2:1
25 Iomraidhean Croise  

Сӕ цӕрӕн бынӕттӕ ӕххӕссыдысты Мешайӕ скӕсӕйнаг хӕхбӕстӕ Сефары онг.


йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.


Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Скӕсӕны бӕстӕтӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт куырыхонтӕй куырыхондӕр сси.


Вифлеемы бындурӕвӕрӕг Салма, Бет-Гадеры бындурӕвӕрӕг Хареф.


Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


Ӕмӕ йӕм ӕмгӕрон не ’рцыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт, ӕмӕ Йӕ Йосиф схуыдта Йесо.


Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.


Ироды амӕлӕты фӕстӕ Йосифмӕ Мысыры Хуыцауы зӕд раргом ис фыны


Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд, ӕмӕ йемӕ — ӕгас Йерусалим дӕр.


Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымӕн ӕмӕ пехуымпармӕ афтӕ фыст ис:


Уӕд Ирод сусӕгӕй стъалыдӕснытӕм фӕсидти, цӕмӕй стъалыйӕн йӕ фӕзынды афон сбӕлвырд кӕна.


Иудейаг паддзах Ироды заман Авийайы хӕдзарвӕндаджы уыдис иу сауджын, Захариа, зӕгъгӕ. Йӕ бинойнаг дӕр Аароны байзӕддагӕй уыди, йӕ ном — Елисаветӕ.


абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти.


Зӕдтӕ сӕ цурӕй уӕларвмӕ куы ссыдысты, уӕд фыййӕуттӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕдӕ фӕцӕуӕм Вифлееммӕ ӕмӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм, цы дзы ӕрцыди ӕмӕ нын Хуыцау цӕй тыххӕй фехъусын кодта, уый».


Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕй, Чырысти Давиды байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм царди, уыцы хъӕуӕй, Вифлеемӕй, ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ?»


Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу, левит, уыцы заман царди иудейаг Вифлеемы ӕмӕ уырдыгӕй ног цӕрӕнбынат агурӕг ацыди. Ӕрбахӕццӕ ис Ефремы хохмӕ, Михайы хӕдзармӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan