3 Уӕд ӕм фарисейтӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны тыххӕй бафарстой: «Цыфӕнды азымы тыххӕй дӕр лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»
Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ ӕмӕ Дзы — Йӕ бафӕлварыны тыххӕй — домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.
Уыдонӕй иу, динамонӕг, Йесойы фӕлваргӕйӕ, загъта:
Бацыдысты Йӕм фарисейтӕ ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны охыл бафарстой: «Лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»
Ӕмӕ Йӕм фарисейтӕй ӕмӕ Ироды фарсхӕцджытӕй кӕйдӕрты барвыстой, цӕмӕй Йӕ исты амалӕй ракъахой ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.
Йесо сын зыдта сӕ дыдзӕсгомдзинад ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ фӕлварут? Рахӕссут-ма Мӕм динар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсон».
Афтӕ Йӕ барӕй фарстой, цӕмӕй исты зӕгъа ӕмӕ Йӕ фӕзылынджын кӕной. Фӕлӕ Йесо ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе ’нгуылдзӕй зӕххыл цыдӕртӕ фыста.
Усджын ӕмӕ моймӕдзыд чи у, уыдонӕн та ӕз нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг фӕдзӕхсы: ус йӕ мойы ма ныууадзӕд.
Фӕлвӕрдтой Мӕ уым уӕ фыдӕлтӕ, фӕлтӕрдтой Мӕ, кӕд Мын дыууиссӕдз азы дӕргъы Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр.