26 Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон».
Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».
Дурыны ссад нӕ куынӕг кодта, хъуырауы дӕр сой нӕ къаддӕр кодта, Дунедарӕг Илийайы уылты куыд загъта, афтӕ.
«Зонын ӕй, Дӕ бон алцыдӕр у, цы Дӕ бафӕнда, ӕмӕ цы нӕ сараздзынӕ!
Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт, базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ!
кардылӕфтыд фӕуӕнт, хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт!
«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!
«Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт цӕрӕг удты Хуыцау. Мӕ бон саразын цы нӕу, ахӕмӕй исты ис?
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдон абон ацы ныхӕстӕ, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддагыл нымайынц, фӕлӕ Мӕнӕн Мӕ бон саразын цы нӕу? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Исты Дунедарӕджы къух цыбыр у? Мӕ ныхас куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ-иу уӕдӕ дӕхӕдӕг кӕс!»
Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ загътой: «Уӕдӕ уӕд чи фервӕздзӕн?»
Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах алцыдӕр ныууагътам ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»
Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уый адӕймаджы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн алцыдӕр у Йӕ бон».
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн».
Йесо сын загъта: «Адӕмы бон цы нӕу, уый Хуыцауы бон у».
ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц.
Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».