Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 19:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕра ӕмӕ бакува, фӕлӕ Йӕм сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 19:13
15 Iomraidhean Croise  

Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Йосефмӕ хабар уыдис, дӕ фыд фӕрынчын ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ Йосеф йемӕ ракодта йӕ дыууӕ фырты, Менассиа ӕмӕ Ефремы, ӕмӕ араст ис Йаковмӕ.


Иу зӕрдӕ ӕмӕ иу фӕндаг сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ цӕрӕнбонты тӕрсой сӕхи ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты фарны сӕраппонд.


Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!»


Уымӕн ӕмӕ ис, мады гуыбынӕй ӕрдызт чи рахаста, ахӕмтӕ, иннӕты та адӕм бардызтой. Ноджы ма ис, Уӕларвон Паддзахады сӕраппонд ус курыныл йӕ къух чи систа, ахӕмтӕ дӕр. Афтӕ бакӕнын кӕй бон у, уый йӕ сӕххӕст кӕнӕд».


Адӕм сӕ басабыр кӕнын фӕлвӕрдтой, фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».


Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕгӕн йӕ зӕрдӕ йӕ уырнӕг усы фӕрцы ссыгъдӕг вӕййы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр йӕ уырнӕг мойы фӕрцы сыгъдӕг кӕны. Науӕд уӕ цот сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты.


Риуӕй иртӕст куы ӕрцыди саби, уӕд йемӕ ацыди Силоммӕ. Йемӕ ракодта ӕртӕаздзыд гал, райста ссады иу ефӕ ӕмӕ сӕны лалым, ӕмӕ афтӕмӕй ссыдысты Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Лӕппу нырма ӕнахъом уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan