11 Йесо сын загъта: «Алкӕй бон нӕу афтӕ бакӕнын, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн уа, уый йӕ сӕххӕст кӕндзӕн.
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Кӕд йӕ усы тыххӕй лӕгыл ахӕм хӕс ӕвӕрд ис, уӕд хуыздӕр у ус нӕ ракурын».
Уымӕн ӕмӕ ис, мады гуыбынӕй ӕрдызт чи рахаста, ахӕмтӕ, иннӕты та адӕм бардызтой. Ноджы ма ис, Уӕларвон Паддзахады сӕраппонд ус курыныл йӕ къух чи систа, ахӕмтӕ дӕр. Афтӕ бакӕнын кӕй бон у, уый йӕ сӕххӕст кӕнӕд».
Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Бардарӕг куыд снысан кодта, афтӕ ӕмӕ баззайӕд, Хуыцау ӕм цы уавӕры фӕсидти, уыцы уавӕры. Ӕз уый фӕдзӕхсын ӕппӕт аргъуантӕн дӕр.
Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой.
Ӕз уын уӕ бартӕ байсынмӕ нӕ хъавын, фӕлӕ дзурын, уӕ пайдайӕн цы у, ууыл, цӕмӕй Бардарӕгӕн кусат, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ уӕ мацы къуылымпы кӕна.