Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 18:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Дӕ цӕст дӕ рӕдийын кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ зындоны арты ӕппӕрст ӕрцӕуай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 18:9
11 Iomraidhean Croise  

Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?


Дӕ къух кӕнӕ дӕ къах дӕ кӕд рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у ӕнӕ къух кӕнӕ ӕнӕ къахӕй мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау ӕд къах, ӕд къух ӕнӕхуысгӕ арты ӕппӕрст ӕрцӕуай.


Йесо йын дзуапп радта: «Хорз цы у, уымӕй Мӕ цӕмӕн фӕрсыс? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд ӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ».


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Дӕ рахиз цӕст дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты фӕлтау дӕ буары хӕйттӕй иу фӕхъӕуӕд.


Дӕ цӕст дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд ӕй фелвас: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ цӕстимӕ зындоны арты бахауай.


Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.


Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.


Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ фӕливӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan