Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 18:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Уӕд ӕм паддзах фӕсидти ӕмӕ йын загъта: „Фыдзӕрдӕ цагъар! Ды мын балӕгъстӕ кодтай, ӕмӕ дын ӕз дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй ныббарстон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 18:32
7 Iomraidhean Croise  

Паддзах ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ ауагъта, йӕ хӕс дӕр ын ныббарста.


Уый йе ’мбӕлттӕн тынг фӕхъыг ис. Бацыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын хабар радзырдтой.


Уӕд дӕуӕн, ӕз дын куыд фӕтӕригъӕд кодтон, афтӕ не ’мбӕлди де ’мбалӕн фӕтӕригъӕд кӕнын?“


Йӕ хицау ын загъта: „Ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар! Кӕм нӕ байтыдтон, уым кӕй кӕрдын ӕмӕ, кӕм нӕ райдзӕгътон, уым кӕй ӕмбырд кӕнын, уый кӕд зыдтай,


Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan