29 Уӕд йе ’мбал йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауди ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: „Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын ратдзынӕн“.
Уӕд уыцы цагъар йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын дзырдта: „Бабыхс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын ӕххӕстӕй бафиддзынӕн“.
Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.
Фӕлӕ уый не сразы ис ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны, цалынмӕ йын йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ.
Уӕд дӕуӕн, ӕз дын куыд фӕтӕригъӕд кодтон, афтӕ не ’мбӕлди де ’мбалӕн фӕтӕригъӕд кӕнын?“
Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ.
Фарны уац сымах базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Эпафрасӕй — уый уӕ сӕраппонд ӕнувыдӕй кусы Чырыстийӕн.
Мӕн тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн нӕ уарзон ӕфсымӕр Тихик, Бардарӕгӕн мемӕ чи кусы, мӕ уыцы иузӕрдион ӕххуысгӕнӕг.