21 Уӕд Петр бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ тӕригъӕды цы ӕфсымӕр бацӕуа, уымӕн цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты онг?»
Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд бавдӕл ӕмӕ йын хибарӕй бауайдзӕф кӕн. Ӕмӕ дӕм кӕд байхъуса, уӕд ногӕй ссардтай де ’фсымӕры.