2 Йесо фӕдзырдта сывӕллонмӕ, ӕрлӕууын ӕй кодта сӕ разы
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ фыд Давиды бӕсты ныр мӕнӕ Дӕ цагъары паддзах скодтай, фӕлӕ ӕз ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд дӕн, хъуыддагӕн ницыма зонын.
Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: «Ӕвзонг дӕн, зӕгъгӕ, ма дзур; кӕдӕм дӕ ӕрвитон, уырдӕм цӕудзынӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ дзурдзынӕ.
Уыцы рӕстӕг ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕларвон Паддзахады уӕлдӕр чи у?»
ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, куынӕ аиват ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куынӕ суат, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.