Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 18:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уыдонмӕ дӕр куынӕ байхъуса, уӕд зӕгъ аргъуанӕн ӕмӕ, кӕд аргъуанмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд ӕм, муртаттаг ӕмӕ хъалонисӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уыцы цӕстӕй кӕс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 18:17
27 Iomraidhean Croise  

Нывонд фыдызгъӕлӕй аходыдтой уацарӕй ӕрбаздӕхӕг израилӕгтӕ ӕмӕ, бынӕттон адӕмты чъизитӕй йӕхи аиуварсгӕнгӕйӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи бафӕдзӕхсгӕйӕ семӕ чи бамбал, ӕппӕт уыдон.


ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ Мын сымах Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ не ’ххӕст кодтат, фӕлӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цардыстут“».


Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Йаков ӕмӕ, фӕсномыгӕй Фаддей кӕй хуыдтой, уыцы Леввей,


Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы уыдон зӕгъынц: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“. Фӕлӕ Хуыцауы Уӕлзонд цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон сты Йӕ растгӕнӕг».


Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?


Кувгӕйӕ та уӕлдай ныхӕстӕ ма дзурут муртаттӕгтау — уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ, фылдӕр куы дзурой, уӕд сӕ куывд хуыздӕр фехъуысдзӕн Хуыцаумӕ.


Хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ иууылдӕр цыдысты Йесомӕ байхъусынмӕ.


Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.


Ӕз уӕм мӕ фыстӕджы фыстон, хӕтаг чи у, уыдонмӕ ӕмгӕрон цӕуын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй.


Уӕ иу иннӕуыл куы бахъаст кӕны, уӕд уӕндгӕ та куыд бакӕны йӕ хъаст тӕригъӕдджынтӕм бахӕссынмӕ, сыгъдӕджыты бӕсты йын уыдон куыд тӕрхон кӕной, афтӕ?


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд.


ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.]


Бахӕццӕ сты Галаады зӕхмӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы байзӕддӕгтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Уыдон сын загътой:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan