14 Афтӕ уӕ Уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, ацы кӕстӕртӕй иу дӕр фесӕфа, уый.
Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.
«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.
Ӕцӕг уын зӕгъын, куы йӕ ссара, уӕд, чи йын нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысӕй ауыл тынгдӕр фӕцин кӕндзӕн.
Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд бавдӕл ӕмӕ йын хибарӕй бауайдзӕф кӕн. Ӕмӕ дӕм кӕд байхъуса, уӕд ногӕй ссардтай де ’фсымӕры.
Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.
Ӕппӕт уыдӕттыл муртаттӕгтӕ тыхсынц; сымахӕн та уӕ Уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц, уый.
Кувгӕ та кӕнут афтӕ: Нӕ Уӕларвон Фыд! Кадджын уӕд Дӕ ном!
Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.
Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.
Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо Симон Петры фӕрсы: «Иоанны фырт Симон, адон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О Бардарӕг! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты».
Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы кадӕй.
Раст фӕндагыл цӕут, цӕмӕй, къуылых чи у, уый ноджы тынгдӕр ма ныкъкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа.
Иуӕй-иутӕм куыд кӕсы, афтӕ Бардарӕг фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ, фӕлӕ уын бирӕ быхсы — фӕнды Йӕ, иу адӕймаг дӕр куыд нӕ фесӕфа, фӕлӕ иууылдӕр куыд ӕрфӕсмон кӕной.