11 [Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцыди сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ.]
фӕлӕ ацӕут Израилы адӕмы дзӕгъӕл фыстӕм.
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн».
Куыд уӕм кӕсы, фондзыссӕдз фысы кӕмӕ ис, уымӕн дзы иу куы фӕдзӕгъӕл уа, уӕд йе нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы хӕхты нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн?
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы.
Уымӕн ӕмӕ мын ацы фырт уыди мард ӕмӕ ныр райгас ис, уыди мын сӕфт ӕмӕ фӕзынди“. Уыйадыл стыр куывд скодтой.
Фӕлӕ цины бӕрӕгбон саразын ӕмбӕлд, уымӕн ӕмӕ де ’фсымӕр уыди мард ӕмӕ райгас ис, уыди сӕфт ӕмӕ фӕзынди“».
Адӕймаджы Фырт ӕрцыд сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».
Адӕймаджы Фырт адӕмы сафынмӕ не ’рцыд, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ». Ӕмӕ уӕд ӕндӕр хъӕумӕ ацыдысты.
Давӕг ӕрмӕстдӕр давынмӕ, марынмӕ ӕмӕ бабын кӕнынмӕ фӕцӕуы. Ӕз та ӕрцыдтӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цард раттынмӕ.
Мӕ ныхӕстӕ Мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын. Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ йӕ фервӕзын кӕнынмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ дуне Уый фӕрцы фервӕзын кӕнынмӕ.
Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн.