8 Ӕмӕ, хӕрдмӕ куы скастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой.
Фӕлӕ сӕм Йесо бацыди, бавнӕлдта сӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут, ма тӕрсут».
Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн дзурут».
Ӕмӕ ӕваст сӕ алыварс куы акастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой.
Хъӕлӕс куы райхъуыст, уӕд Йесоимӕ ничиуал уыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ, цы федтой, уый басусӕг кодтой ӕмӕ йӕ уыцы бонты никӕмӕн радзырдтой.