Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 17:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фӕлӕ сӕм Йесо бацыди, бавнӕлдта сӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут, ма тӕрсут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 17:7
10 Iomraidhean Croise  

Уӕд мӕ кӕйдӕр къух фелвӕста ӕмӕ мӕ ныууыгъта — мӕ зонгуытыл февзӕрдтӕн, мӕ къухтӕй зӕххыл ӕнцой кодтон, афтӕмӕй.


Мӕ разы нӕлгоймаджы хуызы чи февзӕрд, уый та мыл ногӕй андзӕвыд, ӕмӕ фӕхъӕддыхдӕр дӕн.


Мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз уадзыгӕй зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссыдтӕн. Уый мӕ систа, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кодта ӕмӕ загъта:


Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.


Уӕд сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».


Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом сты.


Ӕмӕ, хӕрдмӕ куы скастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой.


Сылгоймӕгтӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ сӕртӕ уӕлӕмӕ нал истой, фӕлӕ сын уыдон загътой: «Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут?


Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый».


Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan