4 Уӕд Петр Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Кӕд Дӕ фӕнды, уӕд ӕз ацы ран ӕртӕ халагъуды скӕндзынӕн: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн».
Мӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн, сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой — хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл.
Нывӕндтӕ хӕссут, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут.
Уӕхи цӕстӕй фендзыстут уӕ цытджын Паддзахы, фендзыстут парахат бӕстӕ.
О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ!
Фӕзындысты сӕм Моисей ӕмӕ Илийа ӕмӕ ныхас кодтой Йемӕ.
Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Цӕй ӕмӕ ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста.
Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.
Ӕрхӕстӕг ис иудейаг бӕрӕгбон — Халагъудты бӕрӕгбон.
Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.
Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.