Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 17:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уый сын загъта: «Ратдзӕн». Ӕмӕ Петр хӕдзармӕ куы бахызт, уӕд ӕм Йесо фӕраздӕр ис ӕмӕ йын дзуры: «Куыд дӕм кӕсы, Симон, зӕххон паддзӕхтӕ фиддон кӕнӕ хъалон кӕмӕй исынц? Сӕхи адӕмӕй ӕви ӕцӕгӕлӕттӕй?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 17:25
8 Iomraidhean Croise  

Симон Ын, ӕцӕгӕлӕттӕй, зӕгъгӕ, дзуапп куы радта, уӕд ын Йесо загъта: «Уӕдӕ фырттӕ сӕрибар сты.


Уӕдӕ нын зӕгъ: куыд Дӕм кӕсы, кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»


Равдисут-ма Мын, хъалон цы ӕхцайӕ фидынц, уый». Уыдон Ӕм ӕрбахастой динар.


Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн».


Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.


Кесӕрӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»


Дзырдтой: «Уынут, размӕ чи рацыд, уыцы лӕджы? Израилӕн фидистӕ кӕны. Чи йӕ амарид, уымӕн паддзах балӕвар кӕнид бирӕ исбон ӕмӕ йын раттид йӕ чызджы, стӕй йын йӕ бинонты суӕгъд кӕнид хъалон фидынӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan