24 Капернауммӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Кувӕндоны хъалонисджытӕ бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг нын дыууӕ драхмӕйы нӕ ратдзӕн?»
Ноджы ма нӕхицӕн фӕткыл банымадтам, нӕ Хуыцауы хӕдзар хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уыдӕттӕн афӕдз шекелы ӕртыккаг хай дӕттын:
Алы израилаг нӕлгоймаг дӕр, ссӕдзаздзыдӕй уӕлӕмӕ, фидӕд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. Шекелы ис ссӕдз герайы. Уыцы шекелы ӕмбис — мысайнаг Дунедарӕгӕн.
Ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕгӕй, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ йӕхи чи сфыста, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр ист ӕрцыд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.
Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Хӕдзары куы уыдысты, уӕд сӕ Йесо бафарста: «Фӕндагыл та цӕуыл дзырдтат?»