Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 17:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Сӕ разы Йӕ хуыз аивта — Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау урс-урсид фестади.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 17:2
17 Iomraidhean Croise  

Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.


— Чи у уый, чи ӕрттивы сӕуӕхсидау? Мӕйау диссаджы рӕсугъд чи у? Чи ныррухс ис хурау? Тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау чи у тасӕфтауӕг?


Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Йаковы ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым хибарӕй уыдысты.


Фӕзындысты сӕм Моисей ӕмӕ Илийа ӕмӕ ныхас кодтой Йемӕ.


Уый уыди арвӕрттывды ӕнгӕс, йӕ дарӕс — урс-урсид митау.


Йӕ дарӕс сӕрттывта ӕмӕ Йын митау урс-урсид фестади — зӕххыл иу адӕймагӕн дӕр хъуымац афтӕ сурс кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.


Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та урс-урсид фестади ӕмӕ тӕмӕнтӕ калдта.


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.


Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.


Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan