19 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой Йесойы: «Махӕн ӕй нӕ бон цӕуылнӕ баци расурын?»
Йесо дӕлимонӕн карзӕй загъта, цӕмӕй лӕппуйы ныууадза, ӕмӕ йӕ дӕлимон куы суӕгъд кодта, уӕд уайтагъд сдзӕбӕх ис.
Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат: „Ардыгӕй уӕртӕ уырдӕм ацу“, уӕд ацӕудзӕн. Ӕмӕ ахӕмӕй ницы уыдзӕни, сымахӕн цы нӕ бантыса.
Адӕм куы ацыдысты, уӕд Ӕй дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ ма уым семӕ чи баззади, уыдон бафарстой, фӕсномыгӕй цӕмӕн дзурыс, зӕгъгӕ.
Йесо хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой: «Дӕлимоны расурын мах бон цӕуылнӕ баци?»